Ирыстойнаг спортсментæ бацахстой призон бынат турниры Казаны

© Татар-ИнформТурнир по панкратиону в Казани
Турнир по панкратиону в Казани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Татарстаны столицæйы турниры хайад райстой 35 цæгатирыстойнаг спортсмены

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Цæгатирыстойнаг спортсменты командæ бацахста æртыккаг бынат панкратионæй фыццагады Казаны, хъусын кæны ПТРК "Алани".

Рукопашный бой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг спортсментæ рамбылдтой цыппар сыгъзæрин Ирыстоны чемпионаты панкратионæй

Уæрæсейы 47 регионтæй 88 богалæй фылдæр  æрæмбырд сты Татарстаны столицæйы, цæмæй рафæлгъауой Уæрæсейы хуыздæр спортсменты Европæ æмæ дунейы фыццагадты хайад райсыны тыххæй. Цыппар боны мидæг спортсментæ тох кодтой иууыл хуыздæр æмæ иууыл тыхджындæрты номы фæдыл.

Цæгатирыстойнаг командæйы сконды архайдтой 35 спортсмены.

Ӕндæр æмæ æндæр кары къордты æмæ уæзы категориты фыццаг бынæттæ бацахстой Давид Гасанбеков, Азæмæт Валеев, Александр Васильев, Тыбылты Марат, Дзукъаты Зæлинæ. Спортсменты ерыстæм цæттæ кодта республикæйы сæйраг тренер Фардзинты Роберт.

Фыццагады уæлиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæ, майдантæ æмæ кубоктæй, афтæ ма бацыдысты Уæрæсейы æмбардгонд командæйы скондмæ, кæцы райсдзæн хайад панкратионæй Европæ æмæ дунейы фыццагады.

Ног хабӕртты лентӕ
0