Хуыйӕн фабрикӕ БТК Цхинвалы сног кӕндзӕн йӕ куыст апрелы

© Sputnik / Наталья АйриянБТК-4
БТК-4 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы иууыл стырдӕр куыстуат байгом уыдзӕн иу къуырийӕ фылдӕр фӕурӕды фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕ БТК-4 сног кӕндзӕн йӕ куыст къуырисӕры, 1 апрелы, загъта парламенты рабадтыл спикер Гасситы Петр.

Бтк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахӕм нывӕзтытӕ нӕм нӕй: БТК минӕвар радзырдта Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы сӕхгӕды тыххӕй

Иу къуырийы размӕ куыстуаты къухдариуӕгад арвыста йӕ кусджыты отпускы. Фабрикӕ, цы ран кусы фондз сӕдӕ кусӕгӕй фылдӕр, рӕстӕгмӕ ӕрурӕдта йӕ куыст. "БТК групп" пресс-службӕйы фехъусын кодтой Sputnik, ахӕм скъуыддзаг кӕй рахастой зындзинӕдты тыххӕй, кӕцытӕ фӕзындысты продукциимӕ таможнӕйыл.

Ацы фарсты фӕдыл парламенты рабадтыл ӕрдзырдта депутат Чилӕхсаты Владимир.

"Мӕнмӕ бадзырдтой ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцыты цымыдис кодта фабрикӕйы куысты фӕурӕд. Куыстуат радта куысты бынӕттӕ сӕдӕгай адӕмӕн ӕмӕ уыдон мӕт кӕнынц, сӕ куыст ӕмӕ ӕфтиаг кӕй фесафдзысты", - загъта депутат.

Спикер Гасситы Петр банысан кодта, проблемӕ кӕй аскъуыддзаг кодтой ӕмӕ фабрикӕйы кусджытӕ къуырисӕры кӕй рахиздзысты куыстмӕ.

"Уӕззау уавӕр уыд. Фӕлӕ Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ администрацийы архайды руаджы аскъуыддзаг кодтам проблемӕ", - загъта спикер.

Фабрикӕ БТК-4 байгом ис Цхинвалы 2013 азы БТК-Групп холдингы сӕргълӕууӕг, Ирыстонӕй рацӕугӕ Боллоты Таймуразы хъӕппӕрисӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0