Цхинвалы фыссынц этнографион диктант

© Фатима ПлиеваЦхинвалы фыссынц этнографион диктант
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акцимæ æрбацыд бирæ адæм, организаторты бахъуыд сæвæрын уæлæмхас бынæттæ

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстон бамбал ис æппæтдунейон акци этнографион диктант фыссынмæ. Цхинвалы Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центрмæ сæ зонындзинæдтæ сфæлварынмæ бацыд æнæнхъæлæджы бирæ адæм, организаторты бахъуыд уæлæмхас бынæттæ ссарын архайджытæн.

30 фарст ис этнографион диктанты, уыдонæй 20 хауынц уæрæсейаг адæмты хаттытæм.

© Фатима ПлиеваЦхинвалы фыссынц этнографион диктант
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант

"Мæхи бафæндыд хайад райсын диктанты, фарстытыл мæ цæст ахастон, фæлæ дзы, хъыгагæн, Хуссар Иры тыххæй иу фарст дæр нæй", - загъта Sputnik 6-æм скъолайы ахуырдзау Алана.

Акцийы архайджытæ фылдæр бæрцæй ссисты скъолайы кары фæсивæд.

"Мах æнхъæлмæ кастыстæм 20 адæймаджы бæрцмæ, фæлæ æрбацыд зынгæ фылдæр, æхсызгон у адæм кæй æвдисынц тырнындзинад. Ахæм диктант ма Хуссар Иры ауагътам дыууæ азы размæ", - загъта журналисттæн уæрæсейы æмбæстæгты координацион советы уæнг Хъæцмæзты Алина.

Мадзал Хуссар Иры уадзы "Россотрудничество" хайад æмæ уæрæсейаг æмбæстæгты цæдис.

"Диктанты алкæцы архайæгæн дæр лæвæрд цæуы идентификацион номыр, хуыздæр куыстыты хицæуттæ райсдзысты лæвæрттæ, алкæцы архайæджы та схайджын кæндзыстæм архайæджы сертификатæй", - бафтыдта Хъæцмæзты Алина.

© Фатима ПлиеваЦхинвалы фыссынц этнографион диктант
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант
© Фатима ПлиеваЦхинвалы фыссынц этнографион диктант
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант
© Фатима ПлиеваЦхинвалы фыссынц этнографион диктант
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант
© Фатима ПлиеваЦхинвалы фыссынц этнографион диктант
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант
1/4
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант
2/4
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант
3/4
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант
4/4
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант

Ног хабӕртты лентӕ
0