Цхинвалы сывӕллӕтты хсӕн расидтысты аив кӕсыны конкурс

© Sputnik / Наталья АйриянСкъоладзау
Скъоладзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзал аразы радио "Ир-FM", архайыны фадат дзы ис мӕлгъӕвзаг ныфсхаст сабитӕн ӕртӕ азы карӕй уӕлӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон радиостанц "Ир"  расидт аив кӕсыны конкурс ӕртӕ азӕй хистӕр сывӕллӕтты хсӕн, хъусын кӕны ресурсы фарс социалон хызӕджы.

"Сабитӕ кӕсдзысты сӕ уарзон ӕмдзӕвгӕтӕ цы ӕвзагыл сын ӕнцондӕр у, ууыл. Видеойы хронометраж хъуамӕ ма ахиза иу минутӕй", - ныммыхуыр кодтой сӕ фарсыл. 

Конкурсы фӕлгӕтты рабӕрӕг кӕндзысты дыууӕ уӕлахиздзауы, уыдонӕй иуы равзардзысты жюрийы уӕнгтӕ, аннӕ сбӕлвырд кӕндзысты социалон хызӕгты пайдагӕнджыты ахастмӕ гӕсгӕ - бахынцдзысты лайктӕ, бакасттӕ, комментаритӕ.

Уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0