Сты хорз цӕттӕ: Хуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс

© Пресс-служба ЮОГУХуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс
Хуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Актёрон факультет ХИПУ-йы бындурыл уыд 20 азы размӕ, уӕды рауагъдонтӕй ныр сценӕйыл цӕхӕр калынц Куымӕридтаты Батрадз, Натиа Чохели, Хуыгаты Альбина, Битеты Милена, Цоциты Николай ӕмӕ ӕндӕртӕ

ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты театралон факультеты абитуриенттӕн ӕртыццӕджы ацыд фӕлварӕнты агъоммӕ сфӕлдыстадон конкурс. Сценӕйы фидӕны дӕсны суӕвынмӕ сӕхи сразӕнгард кодтой 20 адӕймаджы, уыдонӕн сӕ фылдӕр чызджытӕ, фехъусын кодтой Sputnik театры пресс-службӕйы.

© Пресс-служба ЮОГУХуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс
Сты хорз цӕттӕ: Хуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бындурыл факультет бакодтой паддзахадон театры ӕнхъарӕнмӕ гӕсгӕ.

"20 адӕймаджы бацыдысты театралон факультетмӕ, ӕртыццӕджы сын уыд сфӕлдыстадон конкурс. Хъыгагӕн, сӕ фылдӕр сты чызджытӕ, афтӕмӕй та сценӕйы фылдӕр хъӕуы нӕлгоймаг актёртӕ. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ, райгондӕй баззадтӕн сӕ цӕттӕдзинадӕй, чи у лӕмӕгъдӕр, чи та тыхджындӕр",- хъусын кӕны пресс-службӕ жюрийы уӕнг, Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист Бибылты Сосланы ныхӕстӕ.

Сфӕлдыстон конкурс абитуриенттӕ сӕ арӕхстдзинад ӕвдисынц Театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан, директор Уалыты Мӕдинӕ, адӕмон артисттӕ Бибылты Сослан ӕмӕ Гугкаты Эвелинайы раз.

"Актёрон факультет ХИПУ-йы бындурыл уыд 20 азы размӕ, фӕлтӕрддзинад ис. Уӕды рауагъдонтӕй ныр сценӕйыл цӕхӕр калынц Куымӕридтаты Батрадз, Натиа Чохели, Хуыгаты Альбина, Битеты Милена, Цоциты Николай ӕмӕ ӕндӕртӕ", - загътой пресс-службӕйы.

Студенттæн дӕсныйады сусӕгдзинӕдтӕ амондзысты Хуссар Ирыстоны артисттӕ. Актерон дӕсныйад, сценӕйы архайд ӕмӕ ныхас, вокал ӕмӕ ӕппӕт зонындзинӕдтӕ, кӕцытӕ фадат дӕттынц актер суӕвынӕн. Семӕ кусдзысты Харебаты Жан-Жак, Бибылты Сослан, Тъехты Василий æмæ Дзудцаты Тамерлан.

Фӕсивӕдмӕ разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы бацӕуӕн фӕлварӕнтӕ.

© Пресс-служба ЮОГУХуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс
Сты хорз цӕттӕ: Хуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры театралон факультетмӕ ацыд сфӕлдыстадон конкурс
Ног хабӕртты лентӕ
0