Уӕрӕсейы Боксы федерацийы сӕрдары уырны, Гасситы Мурӕт реваншы кӕй рамбулдзӕн Усикы

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усик
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экс-чемпион радзырдта ДИФ, ныртӕккӕ кӕй нӕ хъуыды украинаг боксеримӕ реваншыл. Уымӕн йӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у рахизын рингмӕ

ЦХИНВАЛ, 24 июл – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы Боксы Федерацийы сӕргълӕууӕг Умар Кремлевы уырны, дунейы экс-чемпион боксӕй Гасситы Мурӕт кӕй рамбулдзӕн реваншы дунейы экс-абсолютон чемпионы боксӕй Александры Усикы йӕ тых, хъӕддыхдзинад ӕмӕ йӕ фидар цӕфы руаджы.

Хуссар Иры боксертæ нысан кæнынц сæ бæрæгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренировкæты уæлхъус: Хуссар Иры боксертæ нысан кæнынц сæ бæрæгбон

WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ дунейы раздӕры чемпион Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинӕйаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы аз мӕ фӕндыдаид фенын Гасситы Мурӕты тох Уӕрӕсейы. Ныртӕккӕ Мурӕт активон тренировкӕтӕ уадзы. Мах фӕнды, цӕмӕй иууыл хуыздӕр профессионалон тохтӕ цӕуой Уӕрӕсейы, цӕмӕй махӕн уа иууыл хуыздӕр фӕзуат. Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усик ногӕй сӕмбӕлой рингыл. Уырны мӕ, ацы хатт Мурӕт кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн йӕ тых, хъӕддыхдзинад ӕмӕ йӕ фидар цӕфы руаджы", - хъусын кӕны РИА Новости Умар Кремлевы ныхӕстӕ.

Йӕ интервьюйы Sport.ru-йӕн Гасситы Мурӕт загъта, кӕй нӕ хъуыды кӕны Усикимӕ реваншыл.

"Ныртӕккӕ мӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у рахизын рингмӕ, ныхмӕлӕууӕджы ном ахсджиаг нӕу", - банысан кодта спортсмен.

Гасситы Мурӕт бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ карантин сисой ӕмӕ алцыдӕр хорз уа, уӕд фӕнд кӕны ауадзын азы кӕронмӕ дыууӕ тохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0