Хуссар Иры медиктӕн фиддонтӕ адарддӕр кодтой августы кӕронмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ республикӕйы хицауады фӕстауӕрцон фондӕй медиктӕн фиддонты фӕдыл рахицӕн кодтой дыууӕ милуан сомӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 29 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны министрты кабинет рахицӕн кодта 2,5 милуан сомӕй фылдӕр хицауады фӕстауӕрцон фондӕй. Ацы ӕхцатӕ ацӕудзысты медиктӕ ӕмӕ Югосетпотребнадзоры кусджытӕн фиддонтӕн коронавирусимӕ тохы фӕдыл.

Хуссар Иры хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта ӕхцатӕ медиктӕн, кӕцытӕ тох кӕнынц коронавирусимӕ

Амӕйразмӕ республикӕйы хицауад аскъуыддзаг кодта снысан кӕнын медиктӕн фиддонтӕ фӕллойады сӕрмагонд уавӕрты тыххӕй пандемийы период 30 июны онг. Фиддонтӕн рахицӕн кодтой 2,5 милуан сомӕй фылдӕр хицауады фӕстауӕрцон фондӕй.

Хицауады рабадтыл ӕртыццӕджы рахицӕн кодтой фӕрӕзтӕ июлы фиддонтӕн – 374 мин сомы Югосетпотребнадзоры кусджытӕн ӕмӕ 2,1 милуан сомы та республикон бирӕпрофилон медицинон центры медиктӕн.

"Иумӕйагӕй медиктӕн фиддонтӕ бафидыны фӕдыл хицауады фӕстауӕрцон фондӕй рахицӕн кодтой ӕхсӕз милуан сомы", - загъта финансты министры хӕдивӕг Тыбылты Марина.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны арнӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ кӕй адарддӕр кодтой, уый фӕдыл медиктӕн фиддонтӕ дӕр адарддӕр кодтой иу мӕймӕ.

"Кӕд ӕмӕ арӕнӕвӕрдтӕ адарддӕр кодтам, уӕд медиктӕ ӕмӕ санитарон уагдоны кусджытӕ дӕр хъуамӕ райсой сӕ фиддонтӕ августы. Медиктӕн хъӕуы ӕххуыс кӕнын. Ацы фиддонты бӕрцуат егъау нӕу, фӕлӕ уӕддӕр уый ӕххуыс у", - загъта Пухаты Эрик.

Коронавирусон инфекциимӕ чи тох кӕны, уыцы кусджытӕн фиддонтӕ ссӕрибар кодтой хъалонтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0