Хуссар Иры хицауад рахицӕн кодта 6 милуан сомӕй фылдӕр медиктӕн фиддонтӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕрӕзтӕ рахицӕн кодтой хицауад ӕмӕ президенты фӕстауӕрцон фондтӕй

ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта рахицӕн кӕнын ӕхцайы фӕрӕзтӕ хицауады фӕстауӕрцон фондӕй РБМЦ кусджытӕн фиддонтӕ бафидыны фӕдыл коронавирусы ныхмӕ тохы тыххӕй.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, медиктӕн фиддонтӕн хъӕуы рахицӕн кӕнын 6,5 милуан сомы. Фӕлӕ финансты министры хӕдивӕг Тыбылты Марина хицауады рабадтыл банысан кодта, бюджеты фӕдыл закон йӕ тыхы кӕй нӕ бацыд, уый фӕдыл ацы суммӕ нӕй гӕнӕн сисын уагдоны бюджетӕй.

"Уый фӕдыл мах банхъардтам рахицӕн кӕнын ацы суммӕйы хай хицауады фӕстауӕрцон фондӕй. Иннӕ хай та – президенты фондӕй. Хицауады фонды 12-ӕм хай – 5,7 милуан сомы, уыдонӕй хъӕуы рахицӕн кӕнын 5,5 милуан сомы, иннӕ хай та президенты фондӕй", - загъта Тыбылты Марина.

Президент Бибылты Анатолий йӕ хъус ӕрдардта къахдзӕфтӕм, кӕцытӕ хицауад хъуамӕ ӕххӕст кӕна, уымӕн ӕмӕ парламент нӕ ӕххӕст кӕны йӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

Плиты Агуындӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй ӔХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Плиты Агуындӕйы

"Мах бузныг дзурӕм медиктӕн сӕ хъайтардзинады тыххӕй. Ацы фиддонтӕ дӕр цъус сты, цӕмӕй сын саргъ кӕнӕм сӕ куыстӕн. Махӕн ацы ӕхцатӕ дӕр нӕ бон нӕу рахицӕн кӕнын, уымӕн ӕмӕ парламент нӕ райста ивындзинӕдтӕ фарон азы бюджетмӕ ӕмӕ ацы азы бюджет", - загъта президент.

Афтӕ ма, Бибылты Анатолий зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта йӕ дзырдлӕвӕрд ссарын фӕрӕзтӕ медиктӕн фиддонтӕн, ӕмӕ банысан кодта, ахӕм фадат кӕй ис ӕрмӕстдӕр хицауад ӕмӕ президенты фӕстауӕрцон фондты руаджы.

Хуссар Ирыстоны парламент нӕ кусы 2020 азы сентябрӕй фӕстӕмӕ бойкоты тыххӕй, кӕцы расидтысты депутатты къорд, кӕцытӕ домынц генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отставкӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0