Цхинвайлаг боксер рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад

© Photo : Из личного архива тренера А.ДзигоеваЦхинвайлаг боксер рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад
Цхинвайлаг боксер рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.04.2021
Рафыссын
Гӕджиты Гурамæн Уӕрӕсейы фыццагады уæлахизы фæрцы ныр йæ бон у сæрды стох кæнын Европæйы фыццагады

ЦХИНВАЛ, 17 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг ӕхсӕрдӕсаздзыд боксер Гӕджиты Гурам рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад ӕрыгӕтты хсӕн. Чемпион фæуæлахиз ис цыппар боксерыл, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта йӕ тренер Дзигойты Ацӕмӕз.

"Уӕрӕсейы фыццагадмæ рагæй цæттæ котам нæхи, нæ нысан уыд рамбулын ацы ерыстæ æмæ нæ къухы бафтыд. Мæ тренерон карьерæйы мæ хъомылгæнинагы къухы фыццаг хатт бафтыд ахæм æнтыст",- загъта тренер.

Уый ма бафтыдта, Гӕджиты Гурамæн Уӕрӕсейы фыццагады уæлахизы фæрцы ныр йæ бон у сæрды стох кæнын Европæйы фыццагады.

Гӕджиты Гурам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2021
Перспективон боксер Хуссар Ирӕй ногӕй архайдзӕн Уӕрӕсейы командӕйы сконды

Ерыстӕ цыдысты Уӕрӕсейы горӕт Анапайы 10 фæстæмæ, архайдтой дзы 300 спортсмены Уӕрӕсейы 60 регионӕй.

Гӕджиты Гурам тох кӕны 2005-2006 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн 66 кг уӕзы. Фыццаг хатт нӕ тох кӕны Уӕрӕсейы фыццагады. 2019 азы уый ссис ацы ерысты финалист, райста балцӕг Европӕйы фыццагадмӕ дӕр. Фӕлӕ уыцы аз боксӕй континенталон ерысты фысым уыд Гуырдзыстон ӕмӕ дзы ӕппӕт командӕ нӕ райста хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0