Ахуырады министр радзырдта, кӕдӕм бацӕудзысты хуссарирыстойнаг рауагъдонтӕ 2021 азы

© Sputnik / Natalia Airiyan Ахуырады министр радзырдта, кӕдӕм бацӕудзысты хуссарирыстойнаг рауагъдонтӕ 2021 азы
Ахуырады министр радзырдта, кӕдӕм бацӕудзысты хуссарирыстойнаг рауагъдонтӕ 2021 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейаг ахуырадон уагдӕттӕ ацы аз радтой Хуссар Ирыстонӕн 18 бюджетон бынаты Россотрудничествойы хаххыл

ЦХИНВАЛ, 17 мая – Sputnik, Козаты Диана. Бюджетон бынӕттӕ, кӕцытӕ уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕттӕ рахицӕн кодтой Хуссар Ирыстоны абитуриенттӕн, арӕзт ӕрцыдысты паддзахадон заказмӕ гӕсгӕ, загъта йӕ интервьюйы Sputnik-ӕн ахуырады министр Гасситы Натали.

Уӕрӕсейаг ахуырадон уагдӕттӕ 2021 азы рахицӕн кӕндзысты Хуссар Ирыстонӕн 18 бюджетон бынаты Россотрудничествойы хаххыл. Лимитты нымӕц нӕ ивы ныр цыппӕрӕм аз, фӕивынц ӕрмӕстдӕр кӕцыдӕр здӕхтытӕ.

"Ацы аз мах райстам 18 бюджетон бынаты Россотрудничествойы хаххыл. Уыдонӕй бакалавриаты программӕмӕ сбӕрӕг кодтой 10 бынаты, специалитеты – цыппар бынаты, ординатурӕйӕн – дыууӕ, ӕмӕ иу бынат та аспирантурӕйы программӕмӕ. Бынӕттӕ иууылдӕр арӕзт ӕрцыдысты паддзахадон заказмӕ гӕсгӕ", - банысан кодта Гасситы Натали.

Фӕстаг дзӕнгӕрӕг Хуссар Иры  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Фӕстаг дзӕнгӕрӕг Хуссар Иры айзӕлдзӕн 500-йӕ фылдӕр рауагъдонӕн
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рахицӕнгонд здӕхтытӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ сты республикӕйӕн. Сӕ нымӕцы: статистикӕ, математикӕ, картографи ӕмӕ геоинформатикӕ, горӕтты арӕзтад, информацион технологитӕ ӕмӕ системӕтӕ, электроэнергетикӕ, электротехникӕ, рауагъдады технологи ӕмӕ хъӕууон хӕдзарадон продукцийы рацарӕзт.

"18 бынатмӕ бадӕттой 24 куырдиаты. Ныр абитуриенттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ахуырадон организациты разыдзинадмӕ райсыны фӕдыл", - бахахх кодта министр.

Гасситы Натали бафтыдта, абитуриенттӕ иууыл тынгдӕр фӕнды бацӕуын мӕскуыйаг ахуырадон уагдӕттӕм, ахуырадон здӕхтытӕй та иууыл популярондӕр сты горӕтты арӕзтад, информацион технологитӕ ӕмӕ системӕтӕ ӕмӕ медицинон дӕсниадтӕ.

Амӕйразмӕ республикӕйы Хахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой УФ Хъахъхъӕнынады министрады университеттӕм кӕй рахицӕн кодтой 16 квотӕйы. Уырдӕм куырдиӕттӕ ист цӕуыдзысты 23 майы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0