Хуссар Иры парламент не сразы ацух кӕнын дыууӕ депутаты нӕфӕцагайгӕдзинадӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламенты сесси
Парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2021
Рафыссын
Закондӕттӕг органы сессийы рӕстӕджы парламентариты фылдӕр хай схъӕлӕс кодтой депутатон нӕфӕцагайгӕдзинадӕй ацух кӕныны ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент аиуварс кодта генералон прокуроры куырдиат Плиты Александр ӕмӕ Санахъоты Давиды нӕфӕцагайгӕдзинадӕй ацух кӕныны фӕдыл.

Хуссар Иры Генпрокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2021
Хуссар Иры Генпрокуратурӕйы сӕргъ слӕууыд Багаты Магомед

Фарон сентябры Генпрокуратурӕ фехъусын кодта, республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ кӕй барвыстой куырдиӕттӕ вице-спикер Плиты Александр ӕмӕ депутат Санахъоты Давиды фӕдыл. Санахъоты Давиды азымджын кӕнынц публикон ралӕуды рӕстӕджы мӕнг дзурыны, Плиты Александры та документты мӕнгарӕзт ӕмӕ бамбӕхсты.

Сессийы цы депутаттӕ уыд, уыдоны фылдӕр хай схъӕлӕс кодтой депутатон нӕфӕцагайгӕдзинадӕй ацух кӕныны ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0