Уӕрӕсейаг инженертӕ ӕрӕвнӕлдтой минӕтӕй сыгъдӕг кӕныны фӕдыл рӕвдзытӕм Хуссар Иры

© Пресс-служба ЮВОУӕрӕсейаг инженертӕ ӕрӕвнӕлдтой минӕтӕй сыгъдӕг кӕныны фӕдыл рӕвдзытӕм Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг инженертӕ ӕрӕвнӕлдтой минӕтӕй сыгъдӕг кӕныны фӕдыл рӕвдзытӕм Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.05.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр ма ӕфсӕддон инженертӕ кусдзысты Цӕцӕн, Дагестан, Мӕхъӕл ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары

ЦХИНВАЛ, 21 май - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы инженертӕ Хуссар Ирыстоны ӕрӕвнӕлдтой сӕрмагонд цӕттӕдзинады фӕдыл рӕвдзытӕм. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

"Сборты рӕстӕджы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ сахуыр кӕндзысты минӕтӕй сыгъдӕг, сӕнӕзианхъом, скуынӕг кӕныны ӕрмӕджыты характеристикӕтӕ ӕмӕ минӕгонд территоритӕ нысан кӕныны амӕлттӕ, афтӕ ма рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ скуынӕг кӕныны фадӕттӕ", - дзырдӕуы зылды пресс-службӕйы хъусинаджы.

Рӕвдзыты хайад исынц 150-йӕ фылдӕр ӕфсӕддон инженеры, 40 иуӕджы та сӕрмагонд техникӕ.

Минӕтӕй сыгъдӕггӕнӕн дӕлхайӕдтӕ ифтонг сты рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ агурын ӕмӕ ӕнӕзианхъом кӕнынӕн ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг нырыккон фадӕттӕй. Рӕвдзыты ма ӕфсӕддонты раз лӕууӕг хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрбаиу кодтой ахуыр куыйты дӕр.

© Пресс-служба ЮВОУӕрӕсейаг инженертӕ ӕрӕвнӕлдтой минӕтӕй сыгъдӕг кӕныны фӕдыл рӕвдзытӕм Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг инженертӕ ӕрӕвнӕлдтой минӕтӕй сыгъдӕг кӕныны фӕдыл рӕвдзытӕм Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.05.2021
Уӕрӕсейаг инженертӕ ӕрӕвнӕлдтой минӕтӕй сыгъдӕг кӕныны фӕдыл рӕвдзытӕм Хуссар Иры

Азы райдианӕй фӕстӕмӕ Хуссар ӕфсӕддон зылды минӕтӕй сыгъдӕггӕнӕн къордтӕ ссардтой ӕмӕ сӕнӕзианхъом кодтой 1 минӕй фылдӕр рӕмудзӕн ӕрмӕджы. Куыстытӕ иууылдӕр ӕххӕст цӕуынц стандарттӕ ӕмӕ ӕдасдзинады нормӕтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0