Хуссар Иры Боксы скъолайы командӕ рамбылдта Санахъоты Геннадийы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир

© Из архива тренера Родиона КумаритоваХуссар Иры Боксы скъолайы командӕ рамбылдта Санахъоты Геннадийы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир
Хуссар Иры Боксы скъолайы командӕ рамбылдта Санахъоты Геннадийы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.06.2021
Рафыссын
Спортивон мадзалы архайдтой Боксы скъола, Спорты галуан "Олимп", Дзау æмæ Дменисæй боксертæ, фондз командæ та ʻрцыд Цæгат Ирыстонæй

ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы балхынцъ ис Санахъоты Геннадийы номарӕн дыккаг ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй. Ерысты иууыл фылдæр сыгъзæрин майдантæ æрæмбырд кодтой Боксы скъолайы минæвæрттæ, фехъусын кодта Sputnik районы спорты хайады хистӕр Джиоты Алик.

"Спортивон мадзалы архайдтой Боксы скъола, Спорты галуан "Олимп", Дзау æмæ Дменисы боксертæ, фондз командæ та 'рцыд Цæгат Ирыстонæй - сæ нымæцы Дзæуджыхъæуы олимпаг резервы скъолайы хъомылгæнинæгтæ, Къудухты Бесикы номыл спортивон скъолайæ, Беслæнæй æмæ дыууæ та горæтгæрон районæй. Тохты бацыд 45 къайы. Иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыста Боксы скъола", - загъта Джиоты Алик.

Спортивон мадзал цыд ӕртӕ боны дӕргъы, 28-30 майы.

Джиоты Аликы ныхæстæм гæсгæ, даддæр турнир æрвылаз дæр цæудзæн октябры, Санахъоты Геннадийæн йæ райгуырæн боны.

Хуссарирыстойнаг дзюдоисткӕ рамбылдта сыгъзӕрин Уӕрӕсейы фӕсивӕды Спартакиадӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.05.2021
Хуссарирыстойнаг дзюдоисткӕ рамбылдта "сыгъзӕрин" Уӕрӕсейы фӕсивӕды Спартакиадӕйы

Ерыстӕ арӕзт цӕуынц 2019 азӕй фӕстӕмӕ. Ивгъуыд аз турнир ауадзын нӕ бантыст коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл тобӕты аххосӕй.

Санахъоты Геннадий фæмард ис 2004 азы Гуырдзыйы æрбабырсты фæстиуæгæн Тлиахъаны бæрзæндыл тохы рæстæджы.

Ууыл гуырдзиæгтæ æрхъула кодтой æмæ сæм бахауд амынæты уæззау цæфтимæ. Æххуысы бæсты лæппуйæн ноджы фæфыдмитæ кодтой. Санахъоты Геннадийӕн йæ мæрдон буар куы ссардтой, уæд ын базонæн дæр нал уыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0