Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны делегацитӕ фембӕлдысты арӕныл, цӕмӕй ӕрдзурой инциденттыл

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры арӕн
Хуссар Иры арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Рафыссын
ИӔАМ хайадисджытӕ ӕмбӕлынц арӕныл ныр сӕдӕйӕм хатт. Фембӕлды боны фӕткы - дыууӕ бӕстӕйы арӕнгӕрон районты ӕдасдзинады фарстытӕ

ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, афтӕ ма ОБСЕ ӕхсӕнылӕгтӕ фембӕлдысты дыццӕджы арӕнгӕрон хъӕу Эргнеты инциденттӕ ма руадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) фӕлгӕтты. 

ИӔАМ хайадисджытӕ ӕмбӕлынц арӕныл ныр сӕдӕйӕм хатт, уымӕй размӕйы рабадт ацыд апрелы кӕрӕтты.

"Традицион ӕгъдауӕй фарсытӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты арӕнгӕрон районты ӕдасдзинады фарстытыл. Афтӕ ма ӕркӕсдзысты, фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ цы инциденттӕ ӕрцыдысты, уыдон статистикӕмӕ", - фехъусын кодтой фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбарджыны аппараты. 

Уымӕй дарддӕр ма фарсытӕ ӕрныхас кӕндзысты арӕны дыууӕ фарсӕрдыгӕй дӕр эпидемион уавӕрыл.

Ивгъуыд къуыри Хуссар Иры минӕвӕрттӕ фехъусын кодтой форматы хайадисджытӕн республикӕйы сӕрмӕ гуырдзиаг ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппаратты ӕнӕзаконон ӕрбатахтты тыххӕй ӕмӕ банысан кодтой, ӕнгӕс инциденттӕ кӕй расайдзысты алыгъуызон негативон фӕстиуджытӕ".

ИӔАМ форматы фембӕлдтӕ уагъд цӕуынц 2009 азӕй фӕстӕмӕ. Хайад сӕ райсынц Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, афтӕ ма ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы ӕхсӕнылӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0