Хицауады сӕрдар радзырдта, куыд райтынг кӕндзысты Хуссар Иры туризмы фадыг

CC0 / Hermann / Турист
Турист - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны туризмы райрӕзтӕн хъӕуы комфорт ӕмӕ ӕдасдзинад, бахахх кодта Бекъойты Геннадий

ЦХИНВАЛ, 23 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны туристон маршруттыл сараздзысты Wi-Fi зонӕтӕ, цӕмӕй туристтӕн хӕххон бынӕтты дӕр уа фадат бахизын Хызӕгмӕ, фехъусын кодта йӕ интервьюйы Sputnik-ӕн республикӕйы хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий.

Уый банысан кодта, ахӕм зонӕтӕй иу кӕй фӕзындзӕн Къуыдаргомы.

"Мах сфидар кодтам ӕртӕ здӕхты, кӕцытӕм ӕввахс рӕстӕджы уыдзӕн уӕлдай хъусдард: хъӕууон-сӕудӕджерадон комплекс, туризм ӕмӕ рог ӕмӕ хойраджы индустрийы арӕзтад", - загъта Бекъойты Геннадий.

Хицауады сӕрдар бафтыдта, нырыккон дунейы тынг популярон кӕй сты бӕрзонд ӕфтауӕн аргъимӕ базайрӕгтӕ ӕмӕ IT-технологитӕ. Фӕлӕ нырма хъӕуы райдайын традицион къабӕзтӕй.

Хъӕууон хӕдзарадон армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2021
Хуссар Иры ацӕудзӕн хъӕууонхӕдзарадон армукъа

"Цӕмӕй нӕ бон у ӕрбаздахын туристты? Фыццаджыдӕр, мах хъӕуы инфраструктурӕ, экологион сыгъдӕг продукци, минералон ӕмӕ хосгӕнӕн дӕттӕ. Уагъд цӕуы куыст ӕртӕ республикон маршрутыл. Ацы нысӕнттӕн махмӕ хъуамӕ уа туристон агентад, улӕфджытимӕ кусдзӕн юридикон гоймаг", - загъта Бекъойты Геннадий.

Премьер-министр бахахх кодта, туризмы райрӕзтӕн кӕй хъӕуы комфорт ӕмӕ ӕдасдзинад.

"Ацы хъуыддаджы информацион здӕхтӕн дӕр ис стыр нысаниуӕг. Уӕрӕсейы Федерацийӕ туристтӕн хъӕуы фехъусын кӕнын, Хуссар Ирыстоны кӕй ис улӕфыны инфраструктурӕ, рӕсугъд ӕрдз, хосгӕнӕн уӕлдӕф ӕмӕ экологион сыгъдӕг продукттӕ. Ӕмӕ, сӕйраджыдӕр – ам у ӕдас, уымӕн ис ахсджиаг бынат ацы фарсты", - загъта Бекъойты Геннадий.

Министрты кабинеты сӕрдар ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны базарадон минӕварад Мӕскуыйы кӕй фӕцис куыст Хуссар Ирыстоны фӕндагамонӕгыл, кӕцы дзуапп дӕтты алы домӕнтӕ ӕмӕ нормӕтӕн. Фӕндагамонӕг ныммыхуыр кӕндзысты ацы сӕрды ӕмӕ йӕ апарахат кӕндзысты Уӕрӕсейы регионтыл. Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый руаджы Хуссар Ирыстонмӕ ӕрбаздахдзысты фылдӕр туристты.

Ног хабӕртты лентӕ
0