Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ХПАУ ректор Темираты Викторы Кады Орденӕй

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ХПАУ ректор Темираты Викторы Кады Орденӕй
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ХПАУ ректор Темираты Викторы Кады Орденӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2021
Рафыссын
Республикӕйы сӕргълӕууӕг дыццӕджы бацыд Хӕххон Паддзахадон аграрон университеты адӕмон кафты сгуыхт ансамбль "Горец"-ы концертмӕ Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 30 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент схорзӕхджын кодта Кады Орденӕй Хӕххон Паддзахадон аграрон университеты (ПХАУ) ректор ТемиратыВикторы, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Ирон кафт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2020
Гаглойты Ростик: ирон адӕмӕн кафт семӕ райгуырд

Дыццӕджы Цхинвалы Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон театры ацыд адӕмон кафты сгуыхт ансамбль "Горец"-ы концерт. Мадзалмӕ фӕуазӕг сты республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ ахуырадон уагдоны минӕвӕрттӕ ректоры сӕргълӕудӕй.

Бибылты Анатолий бузныг загъта уазджытӕн диссаджы ралӕуды тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, Кавказы зынтӕй кӕй разындзӕн ӕндӕр ахуырадон уагдон, цы ран уӕвы ахӕм ӕвӕзадыл ансамбль.

Концерты кӕронбӕттӕны президент Темираты Викторы схорзӕхджын кодта Кады Орденӕй йӕ хайбавӕрды тыххӕй адӕмты хсӕн хӕларад райтынг кӕнынмӕ, бӕрзондквалификацион кадртӕ цӕттӕ кӕнынмӕ, афтӕ ма 70-ӕм райгуырӕн боны цытӕн.

Ансамблӕн бындур ӕрӕвӕрдӕуыд 1961 азы. Коллективӕн ныр 30 азы дӕргъы къухдариуӕгад дӕтты РЦИ-А Адӕмон артист Ӕлборты Юрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0