Хуссар Иры рабӕрӕг кодтой 39 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Рафыссын
Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3712 онг, тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3435 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирусон инфекци сбӕрӕг кодтой 39 адӕймагӕн, уыдон тестытӕ сарӕзтой ивгъуыд майрӕмбоны, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Уый банысан кодта, улӕфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы иртӕстытӕ кӕй нӕ арӕзтой, къуырисӕры саразгӕ тестты тыххӕй та фехъусын кӕндзысты сом райсом.

"Лабораторийы ивгъуыд майрӕмбоны сарӕзтой 183 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 39 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - радзырдта Коцты Марина.

Цӕстдардон уагдоны ПРЦ-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 25 264 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 3712.

Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой дӕс адӕймаджы, ӕдӕппӕт та сӕнӕниз сты 3435 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 277 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0