Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 34 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирус бахӕцыд 3840 адӕймагыл, медикты хъусдарды бын ма сты 342 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы дӕргъы коронавирус сбӕрӕг кодтой 34 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы фӕстаг суткӕйы дӕргъы сарӕзтой 173 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 34 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Медицинон хыгъдӕй систой 22 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 342 пациенты", - загъта Коцты Марина.

Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 бахӕцыд 3840 адӕймагыл, уыдонӕй 3498 сӕнӕниз сты. Уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 26 004 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Цхинвалы сӕхгӕдтой карантиныл сабидон коронавирусы инфекцийы аххосӕй

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Цхинвалы карантиныл кӕй сӕхгӕдтой ӕртындӕсӕм сабидон сӕ кусджытӕй иу коронавирусӕй кӕй фӕрынчын, уый тыххӕй. Коцты Маринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, карантиныл ма сӕхгӕдтой ноджы иу сабидон Дменисы хъӕуы.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг бонты фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынад, республикӕмӕ ӕрцыд COVID-19-ы дыккаг уылӕн. Оперативон штабы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, алкӕцы уагдоны дӕр рекомендаци кӕнынц сӕвӕрын "бахизӕн фильтр" тӕвд барынимӕ, бакӕнын маскӕты ӕмӕ дезинфекцион режим. Афтӕ ма хистӕртӕн куыстӕй ссӕрибар кӕныны бар ис ӕвгъӕдджын сылгоймӕгты, 65 азы карӕй хистӕрдӕр адӕмы, ӕмӕ иугӕндзойнон низтӕй рынчын ӕмбӕстӕгты. Уыдонӕн фиддзысты сӕ мызд дӕр.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн бахӕс кодтой бацӕттӕ кӕнын медицинон уагдӕттӕ пациентты райсынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0