Юбилейон уæрмытæ: мэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Юбилейон уæрмытæ: мэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ
Юбилейон уæрмытæ: мэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Рафыссын
Советон уынг йæ уæрмимæ иунӕг нӕу, ӕвзӕр рахизӕн ис Богирийы алвӕндагыл, Джиоты Аланы проспектыл Тӕболты Сергейы уынгмӕ хӕстӕг, 8 июны ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Плиты Ароны уынгыл та егъау дзыхъхъ фӕзынд арӕзтадӕн аз дӕр нӕма рацыд, афтӕ

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ногарӕзт фӕндӕгтыл сарӕх сты дзыхъхъытӕ. Аразджытӕ фӕндаджы проблемон хӕйттӕ ноджы скъахынц ӕмӕ афтӕ лӕууынц къуыригай, мӕйгай.

"Советон уынджы тӕккӕ астӕу дзыхъхъ аразджытӕ уӕрӕх скъахтой. Рагӕй афтӕ лӕууы, цыма кусджытӕ йӕ юбилеймӕ кӕсынц. Стӕй ма дзы ӕдзух лӕууы стыр уӕзласӕн машинӕ, цыма йӕ билет афтӕ ист у. Дзыхъхъы иувӕрсты ацӕуынӕн шофыртӕ раскъӕрынц ныхмӕлӕууӕг хаххмӕ. Ӕвзӕры аварион уавӕр. Нæ йæ æмбарын, цас йæм хъуамæ кæсой", - радзырдта Sputnik горӕты цӕрӕг Михаил.

Советон уынг йæ уæрмимæ иунӕг нӕу, ӕвзӕр рахизӕн ис Богирийы алвӕндагыл, Джиоты Аланы проспектыл Тӕболты Сергейы уынгмӕ хӕстӕг, 8 июны ӕмӕ ӕндӕр рӕтты.

Цхинвалы райдайдзӕн авд уынджы капиталон цалцӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2021
Цхинвалы райдайдзӕн авд уынджы капиталон цалцӕг

Плиты Ароны уынгыл та егъау дзыхъхъ фӕзынд арӕзтадӕн аз дӕр нӕма рацы, афтӕ.

"Канализацийы люкмӕ хӕстӕг асфальт ныххаудта бынмӕ. Пыхсытӕй дзы ркалдтой. Исты фыдбылыз куы рцӕуа, уӕд сыл хъӕуы хъаст бахӕссын",- радзырдта ацы уынджы цӕрӕг Эльбрус.

Горӕты администрацийы цалцӕггӕнӕг-арӕзтадон хайады хистӕр Гӕззаты Инал ныфс радта 15 августмӕ ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕнын столицӕйы уынгтӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Юбилейон уæрмытæ
Юбилейон уæрмытæ: мэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Юбилейон уæрмытæ

"Бӕрӕг нын у ацы проблемӕ. Нырмӕ асфальтон заводтӕ нӕ куыстой, фӕлӕ Ереды рауагъдад сцайдагъ ис ӕмӕ ӕввахс бонты бавналдзыстӕм куыстмӕ. Августы райдайӕнмӕ сӕ аиуварс кӕндзыстӕм", - загъта уый.

Цалцӕггӕнӕн куыстытӕй дарддӕр ма уагдоны бӕрны ис бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ. 2021 азы нывӕзты ис вокзалгӕрон уынджы ӕртӕ кӕрты.

© Sputnik / Фатима ПлиеваМэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ
Юбилейон уæрмытæ: мэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Мэрийы ныфс дӕттынц Цхинвалы асфальты згъуыдтытӕ аиуварс кӕнын мӕймæ
Ног хабӕртты лентӕ
0