Цӕгат Иры фехъусын кодтой штормон фӕдзӕхст тӕркъӕвдайы тыххӕй

© Sputnik / Vladimir Sergeev /  Ахизын медиабанкмæЦӕгат Иры фехъусын кодтой штормон фӕдзӕхст тӕркъӕвдайы тыххӕй
Цӕгат Иры фехъусын кодтой штормон фӕдзӕхст тӕркъӕвдайы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2021
Рафыссын
Ирвӕзынгӕнджытӕ бафӕдзӕхстой, ӕвзӕр боныгъӕд кӕй уыдзӕн сабаты онг ӕмӕ рекомендаци кӕнынц цӕрджытӕн, цӕмӕй уой арӕхстджындӕр ацы период

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Тӕркъӕвдатӕ ӕмӕ ихуард уыдзӕн Цӕгат Иры дыууӕ суткӕйы дӕргъы. Штормон фӕдзӕхст ныммыхуыр кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

"Цӕгат Ирыстоны гидрометеорологи ӕмӕ мониторингы фӕдыл центры информацимӕ гӕсгӕ, 2021 азы 22, 23 ӕмӕ 24 июлы республикӕйы территорийыл уыдзӕн тӕркъӕвда, ихуард ӕмӕ тыхдымгӕ 20 – 25 м/с онг. Къӕвдаты тыххӕй республикӕйы цӕугӕдӕтты гӕнӕн ис фӕфылдӕр уа доны ӕмвӕзад, хӕхты та ӕрцӕудзысты цъыфы зӕйтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ирвӕзынгӕнджытӕ бафӕдзӕхстой, ӕвзӕр боныгъӕды аххосӕй гӕнӕн ис ӕрцӕуой уӕлвӕткон цаутӕ, ӕмӕ рекомендаци кодтой республикӕйы цӕрджытӕн, цӕмӕй уой арӕхстджындӕр ацы период.

Ног хабӕртты лентӕ
0