Цхинвалы 4 æмæ 5 августы æрæхгæндзысты цалдæр уынджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Милици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Рафыссын
Фæндагон змæлд æруромдзысты столицæйы центры уынгтыл, цы ран цæуынц Хуссар Ирыстоны Фондзбонон хæсты афæдзыбонæн нывонд фыдохы мадзæлттæм цæттæгæнæн куыстытæ

ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цхинвалы 4 æмæ 5 августы æрæхгæндзысты фæндагон змæлд цалдæр уынгыл. Арæнæвæрдтæ бакæндзысты Хуссар Ирыстоны Фондзбонон хæсты афæдзыбонæн нывонд фыдохы мадзæлттæм цæттæгæнæн куыстыты тыххæй, фехъусын кодта Sputnik МХМ пресс-службæйы сæргълæууæг Бестауты Вида.

"Райсой 10 сахатæй сихорафонмæ 4 æмæ 5 августы æрæхгæндзысты Театралон фæзуат, Хетæгкаты Къостайы уынг, афтæ ма Пушкины-Сталины æмæ Сталины-Абайты Уасойы уынгты алвæндæгтæ", - загъта Бестауты Вида.

Хуссар Ирыстоны августы хæсты 13 афæдзыбоны цытæн бацæттæ кодтой къорд мадзалы, се хсæн хæстон архæйдтыты хайадисджытимæ фембæлдтæ, мысæн бынæттæм бацыдтæ æмæ дидинтæ сæвæрын фæмардуæвæг хъайтарты ингæнтæм. Мадзæлттæ адарддæр уыдзысты 8 августы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0