Цæгат Иры цæугæдон Геналдоны ссардтой сылгоймаджы мæрдон буар

Ирвæзынгæнджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2021
Рафыссын
Ӕнамонд цау æрцыд 10 августы – æхсæвы лæсæнтæ аластой цатыр дыууæ туристимæ, уыдонæй иу аирвæзт

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ ссардтой, лæсæнтæ Геналдонмæ кæй аластой, уыцы сылгоймаджы мæрдон буар, хъусын кæны 15-æм регион республикæйы æвирхъау цауты министрады пресс-службæйы информацийыл æнцойгæнгæйæ.

"Сылгоймаджы мард ссардæуыд цæугæдоны уый размæйы санаторий "Хъæрмæдон"-ы бæстыхайы. Агуырдимæ баст мадзæлттæ æххæстгонд цыдысты уæззау боныхъæды æмæ æрдзон уавæрты", – дзырдæуы уагдоны хъусынгæнинаджы.

Ӕнамонд цау æрцыд 10 августы – æхсæвы лæсæнтæ аластой цатыр дыууæ туристимæ. Нæлгоймагæн фыццаг æххуыс бакодтой, райсом æй чи ссардта, уыцы адæм. Йе "мбалы – 1959 азы гуырд сылгоймаджы – фервæзын кæнын нæ бантыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0