Ӕхсӕз зынгсирвӕзты: Хуссар Иры УУМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры зынгфӕдисонтӕ
Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕхсӕз зынгсирвӕзты, кӕцытӕ аиварс кодтой зынгфӕдисонтӕ

ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны иу къуыримӕ ӕрцыд ӕхсӕз зынгсирвӕзты, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

УУМ сапертӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Ленингоры районы бынӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
УУМ сапертӕ ссыгъдӕг кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Ленингоры районы бынӕттӕ

"Цъунары хъӕуы 27 августы ссыгъд хосы мӕнгагъуыст, информацимӕ гӕсгӕ, уый уыд артӕфтыд. Уыцы бон ма ссыгъд хъӕд Дзарцъемы хъӕуы. 23 агусты Хеиты хъӕуы ӕрцыд зынгсирвӕзт мӕнгагъуысты", - загътой УУМ радгӕсон хайады.

Хус кӕрдӕджы ссыгъдтӕ ӕрцыдысты Цхинвалгӕрон ӕмӕ микрорайон "Мӕскуыйаг"-ы. Уыдон иууылдӕр аиуварс кодтой.

Уагдоны ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, сӕм уыд фӕсидтӕ автотранспортон фӕрӕзтӕ раласыны фӕдыл, кӕцытӕ ныффидар сты хъӕды.

Ног хабӕртты лентӕ
0