"Хъӕлӕс кӕнын тыхджын Уӕрӕсейӕн": Бибылты Анатолий Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстыты тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы уагъд цӕуы хъӕлӕсдӕттын уӕрӕсейаг парламентмӕ ӕвзӕрстыты фӕдыл. Президент схъӕлӕс кодта ӕвзарӕн фадыджы УФ минӕварады Цхинвалы
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстыты хъӕлӕсдӕттыны хайад райсын у алкӕцы уӕрӕсейаджы хӕслӕвӕрд, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, загъта президент Бибылты Анатолий.
Паддзахады сӕргълӕууӕг майрӕмбоны схъӕлӕс кодта ӕвзарӕн фадыджы уӕрӕсейаг минӕварады территорийыл Цхинвалы.
"Хъӕлӕс кӕнын тыхджын Уӕрӕсейӕн", - загъта президент.
Бибылты Анатолий бахахх кодта, Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕрбацӕуой ӕмӕ схъӕлӕс кӕной.
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.09.2021
Хуссар Иры президент ӕрсидт активон хайад райсын УФ Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстыты
"Уымӕн ӕмӕ уымӕй мах кад кӕнӕм Уӕрӕсейӕн ӕмӕ дзы цы политикон процесстӕ цӕуы, уыдонӕн. Афтӕ ма уымӕй мах дзурӕм бузныг Уӕрӕсейӕн ӕххуысы тыххӕй. Уый фӕдыл ма ноджы иу хатт сидын, цӕмӕй не ‘мбӕстӕгтӕ ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕххӕст кӕной сӕ конституцион хӕслӕвӕрд", - загъта Бибылты Анатолий.
Хуссар Ирыстоны кусынц 10 ӕвзарӕн фадыджы – уыдон гом уыдзысты 8.00-ӕй 20.00 сахаты онг. Цхинвалы уыдон бакӕндзысты Уӕрӕсейы минӕварады бӕстыхайы Цоциты Василийы уынгыл, афтӕ ма фыццӕгӕм скъолайы Медведевы уынгыл, фӕндзӕм скъолайы Джиоты Аланы проспектыл, Совпрофы бӕстыхайы Фидауынгӕнджыты уынгыл ӕмӕ бирӕпрофилон колледжы Герцены уынгыл.
© SputnikУӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ
Выборы депутатов Госдумы РФ 2021 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0