Цхинвалы карантиныл сӕхгӕдтой иу сабидон, скъолатӕ здӕхынц ахуырадон процессмӕ

© Sputnik / Наталья Айриянсабидон
сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕззӕджы фылдӕр кӕны коронавирусӕй ӕмӕ сезонон гриппӕй рынчынты нымӕц
ЦХИНВАЛ, 1 окт – Sputnik, Козаты Диана. Скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты фылдӕр хай раздӕхтой куысты хуымӕтӕг режиммӕ, карантиныл ӕхгӕд ма сты хицӕн кълӕстӕ ӕмӕ къордтӕ, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Цыппӕрӕмы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, кълӕсты фылдӕр хай рахызт карантинӕй. Куыстмӕ рахызтысты 1, 2, 4, 6, 20, ӕмӕ 12-ӕм скъолаты, афтӕ ма гимнази "Альбион", Аивӕдты лицей ӕмӕ хъӕуты скъолаты. Карантин ма ис хицӕн кълӕсты ӕмӕ сабидӕтты къордты", - загъта Коцты Марина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, санитарон уагдон ӕрвылбон йӕ хъус дары уавӕрмӕ, ӕмӕ ахуырадон уагдӕттӕй райсгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, исдзӕн мадзӕлттӕ.
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2021
Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 63 ног рынчыны коронавирусӕй
Коцты Марина зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, ныртӕккӕ дзырд кӕй цӕуы ӕрмӕст коронавирусыл нӕ, фӕлӕ ма гриппы сезонон рӕзтыл дӕр.
"Уый фӕдыл хъӕуы сгарын райсгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ", - банысан кодта сӕйраг санитарон дохтыр.
Коцты Марина фехъусын кодта, цыппӕрӕмӕй дыууӕ къуыримӕ кӕй сӕхгӕдтой фыццӕгӕм сабидон.
Югосетпотренадзоры сӕргълӕууӕг бахахх кодта, уагдоны кусджытӕ лӕмбынӕгӕй сӕ хъус дарынц уавӕрмӕ, фӕлӕ иумӕйаг карантин бакӕныныл нырма дзырд нӕ цӕуы
Ног хабӕртты лентӕ
0