Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой COVID-19-ы ног бæрæггæнæнтæ

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæЮгосетпотребнадзоры фехъусын кодтой COVID-19 ног бæрæггæнæнтæ Хуссар Иры
Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой COVID-19 ног бæрæггæнæнтæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фæрынчын сты 6442 адæймаджы, уыдонæй 5300 пациенты сæнæниз сты
ЦХИНВАЛ, 6 окт— Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны сбӕрӕг кодтой 75 ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 248 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 75 адӕймагӕн. Ивгъуыд суткӕ медицинон хыгъдӕй систой 30 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1142 адӕймаджы", - загътой уый.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5300 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 9 074 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 6442.
Ног хабӕртты лентӕ
0