Битарты Зойæ: билингвалон системæйы ахуырад цыд иттæг хорз

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзаджы кафедрæйы профессор Битарты Зойæ радио Sputnik эфиры радзырдта, сабидæтты билингвалон ахуырадон программæ "Малусæг" куыд кусы, уый тыххæй
Профессоры ныхæстæм гæсгæ, ахуыртæ бæрæг кæнынц, ирон æвзагыл кæй цæуы иууыл къаддæрæй 6000 азы.
"Æвзаг цыдæриддæр рахаста йæ равзæрдæй, уыцы архайд æмæ хъуыдытæ генетикон æгъадуæй сты нæ сæры магъзы æвæрд æмæ уыдон саби хъуамæ райса æнæмæнгдæр 4 азы кармæ. Психологтæ дæр, физиологтæ дæр  æмæ философтæ дæр æмхуызонæй иу хъуыдыйыл лæуд сты: сабийæн 3-4 азмæ йæ алыварс цыдæриддæр архайд цæуы, уыдон ын хъæуы йæ мадæлон æвзагыл хæссын", - банысан кодта Битарон.
Лæмбынæгдæр – нæ видеоæрмæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0