Хуссар Иры санитарон уагдон фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.10.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сбӕрӕг кодтой 6904 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусон инфекцийӕ, уыдонӕй 5460 адӕймаджы сӕнӕниз сты
ЦХИНВАЛ, 11 окт - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 97 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта къуырисӕры Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Югосетпотребнадзоры лабораторийы хуыцаубоны сарӕзтӕуыд 277 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 97 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 30 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1444 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 40 мин иртӕстӕй фылдӕр, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 6904. Абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5460 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0