Ирон спортсментӕ рамбылдтой авд майданы ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæ Ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕ
 Ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2021
Рафыссын
Терниры майданты хицӕуттӕ баисты Тедеты Эльбрус, Сабанты Зауырбег, Губулты Давид, Цыбырты Эдуард, Колыты Георгий, Магкеты Олег ӕмӕ Сӕрмӕт Пухов
ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Ӕппӕтуӕрӕсейон мастерон турниры ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй ирон хӕцджытӕ рамбылдтой авд хорзӕхы, хъусын кӕны цӕгатирыстойнаг спорты министрады пресс-службӕ.
Ирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой 23 хорзӕхы Кӕсӕг-Балхъары турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.10.2021
Ирыстойнаг каратисттӕ рамбылдтой 23 хорзӕхы Кӕсӕг-Балхъары турниры
Кӕсӕг-Балхъары фыццаг сӕргълӕууӕг Валерий Коковы номарӕн IX Ӕппӕтуӕрӕсейон мастерон турнир ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй ацыд Налцыччы. Ерысты хайад райстой сӕдӕйӕ фылдӕр спортсмены 18 азӕй уӕлӕмӕ кары. Ирон хӕцджытӕ рамбылдтой иу сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ фондз бронзӕйон хорзӕхы.
Фыццаг бынат йӕ уӕзы категорийы бацахста Тедеты Эльбрус. Сабанты Зауырбег ссис турниры ӕвзист призер. Бронзӕты хицӕуттӕ та баисты Губулты Давид, Цыбырты Эдуард, Колыты Георгий, Магкеты Олег ӕмӕ Сӕрмӕт Пухов.
"Турниры уӕлахиздзаутӕ сӕххӕст "Уӕрӕсейы спорты мастеры" норматив ӕмӕ райстой чемпионты рӕттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Пресс-службӕйы ма бафтыдтой, спортсменты кӕй бацӕттӕ кодтой тренертӕ Кадзты Геннадий ӕмӕ Инал, Илаты Марат ӕмӕ Ӕлборты Георгий.
Ног хабӕртты лентӕ
0