Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Абхазмӕ

© МО РЮОХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Абхазмӕ
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты Абхазмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2021
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонтӕ хайад исдзысты иумӕйаг ахуырты Абхазимӕ, кӕцы ауадзыны фӕдыл бадзырдтой сентябры дыууӕ бӕстӕйы президенттӕ
ЦХИНВАЛ, 20 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы батальоны кусджытӕ ӕрцыдысты Абхазмӕ, цӕмӕй хайад райсой командон-штабон ахуырты, хъусын кӕны ӕртыццӕджы уагдоны пресс-службӕ.
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ауагътой контролон ахуыртӕ ӕхсынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2021
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады ауагътой контролон ахуыртӕ ӕхсынӕй
Ӕфсӕддонтимӕ Абхазмӕ ӕрцыд делегаци РХИ Гарзджын тыхты Генштабы хистӕр Виктор Федоровы сӕргълӕудӕй.
Хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, зӕгъгӕ, хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонты хайадисты тыххӕй иумӕйаг ахуырты бадзырдтой дыууӕ бӕстӕйы Гарзджын тыхты командӕгӕнджытӕ, президенттӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Аслан Бжания.
"Националон ӕфсады ацы бадзырд райстой зӕрдиагӕй, кусджытӕ сӕхи хорз равдыстой цӕттӕкӕнынады этапы рӕстӕджы ӕмӕ активон хайад райсдзысты ахуырты", - бахахх кодтой уагдоны.
Уагдоны минӕвар радзырдта, ахуырты нывӕзты кӕй сты хӕстон ӕхстытӕ артиллери ӕмӕ авиацийы хайадистӕй.
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим банысан кодта, националон ӕфсады хайадист иумӕйаг ахуырты кӕй фӕфылдӕр кӕндзӕн фӕлтӕрддзинад ӕмӕ сфидар кӕндзӕн ӕфсӕддон хӕларад.
Ног хабӕртты лентӕ
0