Цхинвалы аварион-тӕссаг алвӕндагыл сӕвӕрдтой светофор

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæСветофор
Светофор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2021
Рафыссын
Светофор сӕвӕрдтой, ацы фадыгыл фӕндагон-транспортон цаутӕ ӕмӕ аварион ситуацитӕ куы сарӕх сты, уый фӕстӕ
ЦХИНВАЛ, 21 окт – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Советон уынджы алвӕндагыл скуыста светофор. Ацы фадыг нымад уыд аварион-тӕссагыл, фӕндагон-транспортон цаутӕ дзы цыд арӕх. Фӕстаг егъау авари цалдӕр хӕдтулгӕйы хайадистӕй ацы алвӕндагыл ӕрцыд сентябры кӕрӕтты.
 Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
Джиголаты Хасан: системӕ "Ӕдас горӕт" скусдзӕн Цхинвалы 2021 азы кӕрӕттӕм
"Рагӕй хъуыд ацы бынаты светофор сӕвӕрын. Ӕвӕццӕгӕн, не скъӕрыны культурӕ уыцы ӕмвӕзадмӕ никуы схиздзӕн, цӕмӕй алы фондз метры светофортӕ ӕмӕ ӕндӕр аразгӕ гӕрӕнтӕ ма хъӕуой. Фӕлӕ кӕд уыдон бахъахъхъӕной адӕмы цард, уӕд уадз ӕмӕ уой", - зӕгъы шофыр Владимир.
Уый уырны, алвӕндагыл светофорты фӕрцы кӕй фӕкъаддӕр уыдзысты аваритӕ ӕмӕ фӕндаджы ацы фадыг суыдзӕн ӕдас.
Раздӕр МХМ фехъусын кодтой, азы кӕрӕттӕм Хуссар Ирыстоны кӕй нывӕндынц балхынцъ кӕнын комплекс "Ӕдас горӕты" дыккаг этап. Уый фӕлгӕтты столицӕйы сӕвӕрдзысты 80-йӕ фылдӕр цӕстдарӕн камерӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0