Гӕбӕраты Юрий Галуанты Людайы тыххӕй: уый уыд поэт-трибунӕ

© Sputnik / Наталья АйриянГӕбӕраты Юрий
Гӕбӕраты Юрий  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.10.2021
Рафыссын
Газет "Хурзӕирн"-ы сӕйраг редактор Гӕбӕраты Юрийы раныхас Галуанты Людмилайӕн фӕстаг харзбон зӕгъыны церемонийы
Гӕбӕраты Юрий: Галуанты Людмилайы хъуыд трибуна, цӕмӕй тох кодтаит
Фыдохы церемонийы раныхасы газет "Хурзӕрин"-ы сӕйраг редактор Галуанты Людмилайы схуыдта "нӕ нӕргӕ хох, нӕ цӕугӕ мӕсыг рафӕлдӕхт", кӕд ӕмӕ сылгоймагӕй афтӕ никуы фӕдзурынц, уӕддӕр.
"Людайы поэзи нӕ хъуыд, уый хъуыд ӕрмӕстдӕр трибуна, цӕмӕй йӕ наци, йӕ радтӕг адӕмы сӕрыл тох кодтаит, ӕмӕ йыл тох кодта, ӕцӕгӕй лӕугӕ мӕсыг ӕмӕ цӕугӕ хох куыд у, афтӕ", - загъта Гӕбӕраты Юрий.
Редактор куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ Людмила Графы чызг йӕ царды девизӕн равзӕрста Джыккайты Шамилы ныхӕстӕ: "Нӕхи йедтӕмӕ никӕй хъӕуӕм мах, нӕхӕдӕг та нӕ аууӕрдӕм нӕхиуыл".
"Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, нӕхӕдӕг куыннӕ скӕуӕм нӕхиуыл, уӕд нӕ бӕсты ничи зӕгъдзӕн нӕ сӕрыл дӕр, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йӕ поэзи схонӕм атфӕ: Люда уыд поэт-трибунӕ", - бафиппайдта Юрий.
Уый ма бафтыдта йӕ ныхасы, зӕгъгӕ, Галуанты Людмила ӕрмӕст "Ныййараджы кадӕг"-ы йедтӕмӕ куы никуы ахъазыдаид сценӕйыл, уӕддӕр уыд аккаг, цӕмӕй Иры дзыллӕтӕ ацы фӕзуаты ӕрбамбырд уыдаиккой.
Ног хабӕртты лентӕ
0