Остъаты Алан: ирон адӕмы геноцид у нӕ историйы ахсджиагдӕр хай

Рафыссын
Фыссӕг, журналист Остъаты Алан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, ирон адӕмы геноцидыл цы пьесӕ ныффыста, уый тыххӕй
Фыссӕджы ныхӕсӕм гӕсгӕ, спектаклы ӕвдыст цӕуы ирон адӕмы историйы ахсджиагдӕр хай ӕмӕ йӕм уый тыххӕй хъӕуы лӕмбынӕгӕй ӕрӕвналын, суанг актерты дарӕс ӕмӕ сценӕйы ифтонгады онг.

"Гуырдзы кӕй ныццагътой, уыцы фысджытӕ - Хъуылаты Созырыхъо, Гаглойты Рутен ӕмӕ ӕндӕртӕ - уыдон цы ныффыстой, ӕмӕ нӕм уыдонӕй цы баззад, уымӕй дарддӕр советон дуджы фысджытӕ ницы ныууагътой аивадон уацмысы хуызы. Уыдонӕн дӕр бамбарӕн ис, уӕд ахӕм идеологи уыд. Фӕлӕ ӕз фӕхъуыды кӕнын, уӕды фысджытӕ сусӕгӕй уӕддӕр цӕмӕннӕ исты ӕрмӕджытӕ ӕмбырд кодтой, чи зоны нымудзынӕй тарстытсты", - бафиппайдта Остъаты Алан.
Бӕстондӕрӕй - нӕ видеоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0