Цӕттӕ у йӕ хицӕуттыл ӕмбӕлынмӕ: Цхинвалы хӕсты зианбаййафӕг хӕдзары бынаты самадтой ног

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы хӕсты зианбаййафӕг хӕдзары бынаты самадтой ног
Цхинвалы хӕсты зианбаййафӕг хӕдзары бынаты самадтой ног - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хуссар хайы фӕцис фондзуӕладзыгон хӕдзары арӕзтад. Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзары 60 фатеры цӕттӕ сты сӕ ног хицӕутты ӕрфысым кӕнынмӕ.
Ацы хӕдзар 2008 азы ирон-гуырдзиаг хӕстӕй фӕстӕмӕ иууыл уыд дзырддаг. Аварион уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ йӕ ӕрмӕст бынтон фӕстаг бахастой Инвестицион нывӕзтмӕ. Йӕ цӕрджытӕй иутӕ райстой ног фатертӕ ЦАРЗ-ы ногарӕзт хӕдзӕртты, науӕд та ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ фатеры арӕзтадмӕ.
"Арӕзтадон компани "СТ-Юг" фӕцис арӕзтад ӕмӕ цалцӕгмӕ цы хаудта, уыцы куыстытӕ. Объект у цӕттӕ. Ныридӕгӕн ма хӕрзарӕзт цӕуы йӕ алфӕмбылай", - загъта Sputnik арӕзтадон организацийы кусӕг Лалыты Сослан.
Ног хӕдзары ис цыппар бахизӕны, ӕдӕппӕт 60 фатеры.
"Фылдӕр бӕрцӕй сты дыууӕхатӕнон фатертӕ - 30, фӕйнӕ 15 та иу- ӕмӕ ӕртӕ хатӕнонтӕ",- бафтыдта уый.
Арӕзтадон фирмӕйы минӕвар ма бахахх кодта, ацы мӕйы кӕрон бӕстыхай кӕй ратдзысты эксплуатацимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0