Хуссар Иры МСНК кусӕг равдыста Дзӕуджыхъӕуы хӕцӕнгарзӕй ӕхсыны курдиат

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МСНК кусӕг равдыста Дзӕуджыхъӕуы хӕцӕнгарзӕй ӕхсыны курдиат
Хуссар Иры МСНК кусӕг равдыста Дзӕуджыхъӕуы хӕцӕнгарзӕй ӕхсыны курдиат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.10.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) кусӕг Медойты Давид цӕгатирыстойнаг командӕйы сконды бацахста фыццаг бынат Цӕгат Ирыстоны чемпионаты пистолетӕй практикон ӕхсынӕй.
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ерыстӕ ацыдысты ахуырадон-тренировкӕты центр "Тактика-А"-йы бындурыл Цӕгат Ирыстоны. Ӕхсӕнрегионалон ерысты призтыл тох кодтой тыхон структурӕтӕ ӕмӕ хъахъхъӕнынадон уагдӕтты кусджытӕ, афтӕ ма спортсментӕ Цӕгат Кавказы федералон зылдӕй – ӕдӕппӕт 40 адӕймаджы.
"Ерысты хайадисджытӕ ӕхстой алыгъуызон милтӕм. Ӕхсджытӕ сӕххӕст кодтой 10 фӕлварӕны. Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ фыццаг бынатыл ацыд Цӕгат Ирыстоны командӕ, кӕцыйы сконды архайдта Медойты Давид", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстонӕй ӕхсджытӕ арӕх исынц хайад ахӕм турнирты. Ерысты руаджы фӕхуыздӕр кӕнынц хӕцӕнгарзӕй архайыны приемтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0