https://sputnik-ossetia.com/20211104/grafikay-razdar-khussar-iry-premer-fedta-kuyd-arazynts-syvallatty-lager-mziugomy-14618906.html
Графикӕй раздӕр: Хуссар Иры премьер федта, куыд аразынц сывӕллӕтты лагерь Мзиугомы
Графикӕй раздӕр: Хуссар Иры премьер федта, куыд аразынц сывӕллӕтты лагерь Мзиугомы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 4 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕргълӕууӕг Бекъойты Геннадий бабӕрӕг кодта сывӕллӕтты лагеры арӕзтад Мзиугомы хъӕуы. Дзауы районмӕ кусӕгон... 04.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-04T10:48+0300
2021-11-04T10:48+0300
2021-11-04T10:57+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/04/14618244_0:12:1000:575_1920x0_80_0_0_aae9a953f1efe5204964399f4c2eb2de.jpg
ЦХИНВАЛ, 4 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕргълӕууӕг Бекъойты Геннадий бабӕрӕг кодта сывӕллӕтты лагеры арӕзтад Мзиугомы хъӕуы. Дзауы районмӕ кусӕгон балц премьер сарӕзта бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей ӕмӕ нардуатон организаци "Бадо"-йы генералон директор Уаклыты Владиславимӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.Лагеры арӕзтадмӕ ӕрӕвнӕлдтой ацы аз майы ӕмӕ кусджытӕ ныфс ӕвӕрынц, сӕйраг куыстытӕ кӕронмӕ кӕй бахӕццӕ уыдзысты 2022 азы кӕрӕттӕм.Объекты фӕзуат у 3 мин квадратон метрмӕ ӕввахс. Ам ӕвӕрд уыдзысты ӕртӕуӕладзыгон корпустӕ, афтӕ ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг арӕзтӕдтӕ сывӕллӕттӕн ӕдас ӕмӕ гъӕдджын улӕфт сорганизаци кӕнынӕн.Ныридӕгӕн амад цӕуынц ӕртӕ корпусы дыккаг уӕладзыгтӕ, уадзынц инженерон коммуникацитӕ.Уый ма бафтыдта, лагеры баулӕфыны фадат кӕй уыдзӕн ӕрмӕст хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕн нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы фӕсивӕдӕн дӕр."Советон рӕстӕджы Мзиугомы, Хуссар Ирыстоны рӕсугъддӕр бынӕттӕй иуы, уыд ӕхсӕнадӕмон нысаниуӕгимӕ турбазӕ, кӕцы уыд тынг популярон", - загъта хицауады сӕрдар.Министрты кабинеты сӕргълӕууӕг бахахх кодта, проект среализаци кӕнынӕн кӕй бахъуыд бирӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ республикӕйы къухдариуӕггӕнӕг сараздзӕн алцыдӕр, цӕмӕй лагерь арӕзт ӕрцӕуа гъӕдджынӕн ӕмӕ рӕстӕгмӕ.Сывӕллӕтты лагерь арӕзт цӕуы уӕрӕсейаг финансон ӕххуысӕй 2020-2022 ӕзтӕн Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Объектӕн хицӕнгонд ӕрцыд 240 млн сомӕй фылдӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
ЦХИНВАЛ, 4 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕргълӕууӕг Бекъойты Геннадий бабӕрӕг кодта сывӕллӕтты лагеры арӕзтад Мзиугомы хъӕуы. Дзауы районмӕ кусӕгон балц премьер сарӕзта бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей ӕмӕ нардуатон организаци "Бадо"-йы генералон директор Уаклыты Владиславимӕ, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Лагеры арӕзтадмӕ ӕрӕвнӕлдтой ацы аз майы ӕмӕ кусджытӕ ныфс ӕвӕрынц, сӕйраг куыстытӕ кӕронмӕ кӕй бахӕццӕ уыдзысты 2022 азы кӕрӕттӕм.
Объекты фӕзуат у 3 мин квадратон метрмӕ ӕввахс. Ам ӕвӕрд уыдзысты ӕртӕуӕладзыгон корпустӕ, афтӕ ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг арӕзтӕдтӕ сывӕллӕттӕн ӕдас ӕмӕ гъӕдджын улӕфт сорганизаци кӕнынӕн.
Ныридӕгӕн амад цӕуынц ӕртӕ корпусы дыккаг уӕладзыгтӕ, уадзынц инженерон коммуникацитӕ.
"Ӕхсызгонӕй мӕ фӕнды банысан кӕнын, арӕзтад кӕй цӕуы графикӕй раздӕр. Нардуатон организацийӕн ӕнтысы канд ацы азмӕ нывӕзтгонд куыстытӕ бакӕнын нӕ, фӕлӕ ма уымӕй фылдӕр дӕр. Боныгъӕд нын нырма фадат дӕтты", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.
Уый ма бафтыдта, лагеры баулӕфыны фадат кӕй уыдзӕн ӕрмӕст хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕн нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы фӕсивӕдӕн дӕр.
"Советон рӕстӕджы Мзиугомы, Хуссар Ирыстоны рӕсугъддӕр бынӕттӕй иуы, уыд ӕхсӕнадӕмон нысаниуӕгимӕ турбазӕ, кӕцы уыд тынг популярон", - загъта хицауады сӕрдар.
Министрты кабинеты сӕргълӕууӕг бахахх кодта, проект среализаци кӕнынӕн кӕй бахъуыд бирӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ республикӕйы къухдариуӕггӕнӕг сараздзӕн алцыдӕр, цӕмӕй лагерь арӕзт ӕрцӕуа гъӕдджынӕн ӕмӕ рӕстӕгмӕ.
Сывӕллӕтты лагерь арӕзт цӕуы уӕрӕсейаг финансон ӕххуысӕй 2020-2022 ӕзтӕн Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Объектӕн хицӕнгонд ӕрцыд 240 млн сомӕй фылдӕр.