Цхинвалы стыр парчы ныссагътой 50 гималайаг кедры

© Sputnik / Сергей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæГималайаг кедр
Гималайаг кедр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕрзарӕзтады дӕлхайад ныссагъта 50 бын гималайаг кедры Цхинвалы стыр парчы, фехъусын кодта Sputnik зӕлдфӕлындӕн дӕлхайады хистӕр Пӕррӕстаты Ирина.
"Эмальпроводы кӕрты хӕдӕвзӕрд гималайаг кедртӕ скъахтам ӕмӕ сӕ ныссагътам Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парчы. Ныридӕгӕн у сӕ садзыны рӕстӕг",- загъта чызг
Уый фӕстӕ та цъӕх зазтӕ ныссадзысты Путины уынгыл цы бӕлӕстӕ бахъыгдард сты, уыдон бынаты.
Ӕмрӕстӕджы ма зӕлдфӕлындӕн куыстытӕ цӕуынц Джиоты Аланы проспектыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0