Хуссар Иры президент: хъæууон хæдзарады райрæзт у приоритетон здæхттæй иу

© Фото пресс-служба Дзауского районаДзауы районы садзынц картоф
Дзауы районы садзынц картоф - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Хъæууон хæдзарады райрæзт, куыд экономикæйы флагмантæй иуы - у эффективон паддзахаддзинады ахсджиаг нысан æмæ Хуссар Ирыстоны национ æдасдзинады элемент, банысан кодта республикæйы президент Бибылты Анатолий йæ арфæйы хъæууонхæдзарадон къабазы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.
Хъæууон хъæдзарады кусæджы бон республикæйы нысан кæнынц æртыццæджы, 17 ноябры.
Бæстæйы сæргълæууæг сын раарфæ кодта сæ удуæлдай куысты тыххæй æмæ зæрдыл æрлæууын кодта, хъæууонхæдзарадон продукцийы сæйраг ифтонггæнджытæ кæй сты фермерон æмæ хисæрмагонд хæдзарæдтæ.
"Абон мах цыт кæнæм канд профессионалон æгъдауæй чи архайы хъæууон хæдзарады къабазы, уыдонæн нæ, фæлæ ма хъæууон фæллойгæджытæн дæр, кæцытæ зилынц фосмæ, кусынц сæ цæхæрадæттæ, сæхи дæр æмæ иннæты дæр ифтонг кæнынц халсарæй, дыргъæй, урсагæй æмы фыдызгъæлæй", - хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Президент ма банысан кодта, абоны бон хъæууон хæдзарады къабазы райрæзт кæй у приоритетон здæхттæй иу.
"Реализаци цæуы экономикон райрæзты ног прграммæ, цы ран уæлдай хъусдард здæхт цæуы аграрон сектормæ", - бахахх кодта уый.
Бæстæйы сæргълæууæг равдыста ныфс, хъæууонхæдзарадон къабазы кусджытæ сæ бæрнон ахаст æмæ куыстуарзондзинады фæрцы кæй хиздзысты зындзинæдты сæрты æмæ сæххæст кæндзысты сæ размæ лæууæг хæстæ иууылдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0