Хуссар Иры Цъунары хъӕуы фӕуд кӕны спортзалы цалцӕг

© Sputnik / Элина ГабараеваХуссар Иры Цъунары хъӕуы фӕуд кӕны спортзалы цалцӕг
Хуссар Иры Цъунары хъӕуы фӕуд кӕны спортзалы цалцӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы фӕуд кӕнынц спортивон залы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады сӕргълӕууӕг Уазӕгты Мевлуд куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй куысты сӕйраг хай фӕцис, хъӕуы ма балхӕнын электроифтонгады трансформатор.
"Мах раивтам телтӕ, сарӕзтам хъармгӕнӕн системӕ ӕмӕ цартӕ. Электроифтонгады хахх хъӕуы иттӕг хорз нӕу, ӕмӕ уый фаг нӕу хъармгӕнӕн системӕйӕн. Уый фӕдыл мах барвыстам фыстӕг "Энергоресурс"-мӕ, цӕмӕй нын баххуыс кӕной сӕвӕрын трансформаторон дӕлстанц", - загъта Уазӕгты Мевлуд.
Уый банысан кодта, трансформатор сӕвӕрыны фӕстӕ спортзалы уыдзӕн хъарм ӕмӕ коммуналон кусджытӕ бавналдзысты бӕстыхайы мидӕггагон куыстытӕм. Тренежерон зал бакодтой 2017 азы президентон проект "Спорт в шаговой доступности"-йы реализацийы фӕлгӕтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0