Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта рауагъта ног зарӕг фӕсивӕдӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Харебаты Марта
Харебаты Марта  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг ӕвзонг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта, кӕцы архайы фӕсномыг "Marsalana"-йы бын, спрезентаци кодта йӕ ног зарӕг уырыссаг ӕвзагыл "Невыносима". Зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй зарӕг ныридӕгӕн рацыд популярон стримингон музыкалон сервистыл.

"Ног трек знон рацыд Spotify, VK, Yandex Music ӕмӕ ӕндӕр популярон фӕзуӕттыл. Мӕн рагӕй фӕндыд ныффыссын фӕсивӕдон зарӕг ӕмӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы трек у, раст мӕн цы хъуыд, уый", - загъта Харебаты Марта.

Уый бафтыдта, дзырдтӕ ӕмӕ музыкӕ кӕй сты Диана Сычевайы.
Раздӕр ма Харебаты Марта йӕ хъусджыты размӕ рахаста зарӕг "Мӕ дадайӕн", цы ран дзырдӕуы чысыл чызгыл, кӕцы зары йӕ фронты баззайӕг дадайӕн.
 Харебаты Марта - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Харебаты Марта ралæууыд Мæскуыйы кинофестивалы
Ног хабӕртты лентӕ
0