Хуссарирыстойнаг теннисисткӕтӕ хайад райсдзысты турнир "Шаг в будущее"-йы

© Sputnik / Natalia Airiyan Столы теннис
Столы теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстонӕй дыууӕ тыхджындӕр теннисисткӕйы цӕттӕ кӕнынц уӕлыстол теннисӕй ӕхсӕнрегионалон турнир "Шаг в будущее"-мӕ, фехъусын кодта спортсменты тренер Остъаты Лидия.
Турнир райдайдзӕн цыппӕрӕмы, 25 ноябры ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 28 ноябры онг.
"Уый у ЦКФЗ ӕхсӕнрегионалон турнир ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты хсӕн. Уагъд цӕудзӕн Нальчикы, хайад дзы райсдзысты 2007 азы гуырд ӕмӕ уыдонӕй кӕстӕрдӕр спортсментӕ", - загъта Остъаты Лидия.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуссарирыстойнаг теннисисткӕтӕ турниры архайдзысты Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды. Уыдон сты Къуылыхты Зӕринӕ ӕмӕ Касрадзе Майя.
Ног хабӕртты лентӕ
0