Уыдзӕн йӕ рагон хуызы: Цхинвалы сног кодтой Сырх Дзуары арӕзтад

© wikimapia"Сырх Дзуар"
Сырх Дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дӕргъвӕтин фӕстиӕтты фӕстӕ сног кодтой Цхинвалы Сырх Дзуары кувӕндоны арӕзтад. Арӕзтад цӕуы рӕстдинонты мысайнагтӕй, радзырдта динамонӕг, фыд Иаков.
"23 ноябры сног кодтой арӕзтад. Амад цӕуынц систӕ. Арӕзтады хӕрдзтӕ сты рӕстдинонты мысайнагтӕй ӕмӕ хъӕппӕрисӕй. Ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ бон у сӕ хайбавӕрд бахӕссын арӕзтадмӕ",- загъа фыд Иаков.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕзтад цӕуы культурӕйы министрады цӕстдарды бын - аргъуан сӕндидздзӕн йӕ рагон хуызы.
"Уӕлахизхӕссӕг Георгийы номыл Сырх Дзуары аргъуан историон хуыз хъахъхъӕд ӕрцӕудзӕн", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0