https://sputnik-ossetia.com/20211126/istorion-tsau-khussar-iry-skusyn-kodtoy-elektrondykhy-fastauartson-khakhkh-14805009.html
Историон цау. Хуссар Иры скусын кодтой электрондыхы фӕстауӕрцон хахх
Историон цау. Хуссар Иры скусын кодтой электрондыхы фӕстауӕрцон хахх
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонон уавӕры баиу кодтой электрондыхы хахх "110 кВ Цӕгаттаг Портал" дӕлстанцыл. Ручъы туннелы... 26.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-26T16:30+0300
2021-11-26T16:30+0300
2021-11-26T16:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1a/14803461_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_715a8f0677ba6d72d91545b61c4b79bb.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонон уавӕры баиу кодтой электрондыхы хахх "110 кВ Цӕгаттаг Портал" дӕлстанцыл. Ручъы туннелы цур церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад, уӕрӕсейаг делегацийы уӕнгтӕ, сӕ нымӕцы УФ Ӕдасдзинады советы секретары хӕдивӕг Рашид Нургалиев, УФ президенты фӕсарӕйнаг бӕстӕтимӕ ӕхсӕнрегионалон ӕмӕ культурон бастдзинӕдты фӕдыл дӕлхайады хистӕр Игорь Маслов, Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.Церемонийы рӕстӕджы нысангонд ӕрцыд, электрондыхы фӕстауӕрцон хахх хъӕуы Хуссар Ирыстоны энергетикон ӕдасдзинад сӕххӕст кӕнынӕн. Уӕлӕмхасӕн хаххы арӕзтады куыстытӕ уагъд цыдысты Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фӕдзӕхстӕй.Уый бахахх кодта, фӕстауӕрцон хахх ауадзыны проблемӕ уыд уый мидӕг, ӕмӕ хохы сӕрты хахх куы уагътой, уӕд бахъуыд пайда кӕнын алыгъуызон техникон механизмтӕй.Нургалиевы ныхӕстӕм гӕсгӕ, равзаргӕ оптималон проект среализаци кодтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ хӕххон бынаты.Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банысан кодта, электрондыхы фӕстауӕрцон хаххы арӕзтад республикӕйӕн у стратегион ахсджиаг.Бибылты Анатолий загъта бузныг арӕзтады хайад чи иста, уыдонӕн алкӕмӕндӕр.УФ президенты фӕсарӕйнаг бӕстӕтимӕ ӕхсӕнрегионалон ӕмӕ культурон бастдзинӕдты фӕдыл дӕлхайады хистӕр Игорь Маслов радзырдта, республикӕйы стабилон электроифтонагд у Хуссар Ирыстоны райрӕзты хӕслӕвӕрдты реализацийы бындур.Уый фӕстӕ фӕстауӕрцон хаххы арӕзтады хайад чи райста, уыдоны схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзӕхтӕй. Мадзалы кӕрон церемонийы хайадисджытӕ ӕрхӕцыдысты символикон кнопкӕйыл ӕмӕ баиу кодтой "110 кВ Цӕгаттаг Портал" дӕлстанц.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1a/14803461_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_3dedf3f131d4c1cebb9f16467fc350e6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонон уавӕры баиу кодтой электрондыхы хахх "110 кВ Цӕгаттаг Портал" дӕлстанцыл. Ручъы туннелы цур церемонийы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад, уӕрӕсейаг делегацийы уӕнгтӕ, сӕ нымӕцы УФ Ӕдасдзинады советы секретары хӕдивӕг Рашид Нургалиев, УФ президенты фӕсарӕйнаг бӕстӕтимӕ ӕхсӕнрегионалон ӕмӕ культурон бастдзинӕдты фӕдыл дӕлхайады хистӕр Игорь Маслов, Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.
Церемонийы рӕстӕджы нысангонд ӕрцыд, электрондыхы фӕстауӕрцон хахх хъӕуы Хуссар Ирыстоны энергетикон ӕдасдзинад сӕххӕст кӕнынӕн. Уӕлӕмхасӕн хаххы арӕзтады куыстытӕ уагъд цыдысты Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фӕдзӕхстӕй.
"Иумӕйаг архайды руаджы мах ссардтам иунӕг раст проект. Сымах зонут, Владимир Путин нырма 2016 азы кӕй радта ӕмбӕлон фӕдзӕхст, цӕмӕй мах ссарӕм ацы ахсджиаг хӕслӕвӕрдӕн скъуыддзаг. Хуссар Ирыстоны зымӕгон периоды уыд проблемӕтӕ электроифтонгадимӕ. Уый къуылымпы кодта бирӕ социалон объектты куыст", - банысан кодта Рашид Нургалиев.
Уый бахахх кодта, фӕстауӕрцон хахх ауадзыны проблемӕ уыд уый мидӕг, ӕмӕ хохы сӕрты хахх куы уагътой, уӕд бахъуыд пайда кӕнын алыгъуызон техникон механизмтӕй.
Нургалиевы ныхӕстӕм гӕсгӕ, равзаргӕ оптималон проект среализаци кодтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ хӕххон бынаты.
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банысан кодта, электрондыхы фӕстауӕрцон хаххы арӕзтад республикӕйӕн у стратегион ахсджиаг.
Бибылты Анатолий загъта бузныг арӕзтады хайад чи иста, уыдонӕн алкӕмӕндӕр.
"Стыр бузныг Хуссар Ирыстоны алкӕцы цӕрӕджы энергетикон ӕдасдзинады тыххӕй", - бафтыдта Бибылты Анатолий.
УФ президенты фӕсарӕйнаг бӕстӕтимӕ ӕхсӕнрегионалон ӕмӕ культурон бастдзинӕдты фӕдыл дӕлхайады хистӕр Игорь Маслов радзырдта, республикӕйы стабилон электроифтонагд у Хуссар Ирыстоны райрӕзты хӕслӕвӕрдты реализацийы бындур.
Уый фӕстӕ фӕстауӕрцон хаххы арӕзтады хайад чи райста, уыдоны схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзӕхтӕй. Мадзалы кӕрон церемонийы хайадисджытӕ ӕрхӕцыдысты символикон кнопкӕйыл ӕмӕ баиу кодтой "110 кВ Цӕгаттаг Портал" дӕлстанц.