Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 31 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус Хуссар Ирыстоны
Коронавирус Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдон ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодта 31 ног рынчыны коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодтой Sputnik цыппӕрӕмы Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы фӕстаг суткӕ сарӕзтой 227 иртӕсты , уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 31. Ивгъуыд суткӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 130 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 958 пациенты", - загътой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 8954.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 52 925 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9912 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0