Хуссар Иры райдайдзысты рейдтӕ тобӕгонд пиротехникӕ уӕй кӕныны ныхмӕ

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæПиротехникӕ
Пиротехникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) райдайдзысты рейдтӕ базарадон объектты тобӕгонд пиротехникӕ сбӕрӕг кӕныны фӕдыл.
"Мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, милицийы инӕлар-майор Пухаты Мераб бафыста барамынд мадзӕлтты фӕдыл, цӕмӕй ма ‘руадзой тобӕгонд пиротехникӕйы ӕрласт ӕмӕ реализаци", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны ис закон амалиуӕггӕнаг архайды фӕдыл, кӕцымӕ гӕсгӕ хисӕрмагонд амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ ӕнӕпаддзахадон формӕйы амалиуӕггӕнджытӕн нӕй гӕнӕн аразын ӕмӕ реализаци кӕнын пиротехникон ӕрмӕджытӕ.
Закон фехалджыты фӕдыл ист цӕуынц административон мадзӕлттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0