Цхинвалы карантиныл сӕхгӕдтой ноджы иу скъола

© Sputnik / Ада БагианГимнази "Альбион"
Гимнази Альбион - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Столицӕйы гимнази "Альбион" сӕхгӕдтой карантиныл карз респираторон-вирусон инфекцийы (КРВИ) апарахаты тыххӕй сывӕллӕтты хсӕн. Уый тыххӕй Sputnik ӕртыццӕджы райсом фехъусын кодта ахуырадон уагдоны директор Гуыцмӕзты Ирина.

"Уый коронавирус нӕу, фӕлӕ респираторон-вирусон инфекци. Ахуыргӕнджыты 'хсӕн фӕрынчынуӕвджытӕ бирӕ нӕй. Знон ныхас кодтон Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Маринаимӕ, ӕмӕ мах аскъуыддзаг кодтам бакӕнын карантин", - радзырдта Гуыцмӕзты Ирина.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, къуырийы кӕрон кълӕсты разамонджытӕ фӕдзурдзысты ахуырдзауты ныййарджытӕм – рынчынкӕнынады ӕмвӕзад хъуамӕ уа 20 процентӕй къаддӕр, цӕмӕй уагдон рахиза карантинӕй. Уӕдмӕ ахуыргӕнджытӕ тырнынц уадзын ахуыртӕ дистанцион форматы.
Уый размӕ ма грипп ӕмӕ КРВИ-йы аххосӕй ахуырадон процесс ӕрурӕдтой Цхинвалы фыццаг ӕмӕ 11-ӕм скъолаты, Аивӕдты лицейы ӕмӕ Цхинвалы скъола-интернаты, афтӕ ма Гуфтайы хъӕуы скъола ӕмӕ сабидоны.Ацы уагдӕтты карантин адарддӕр уыдзӕн 19 декабры онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0