Туркаг ирæтты фæнды мадӕлон æвзаг ахуыр кæнын Цæгат Ирыстоны ахуыргӕнӕндæтты

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЦæгат Ирыстоны паддзахадон университет
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турчы цæрæг ирæттæй дæс адæймаджы фæнды бацæуын ахуырмæ цæгатирыстойнаг уæлдæр ахуырадон уагдæттæм, цæмæй сахуыр кæной мадӕлон æвзаг.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Турчы цæрæг ирæттæй иу къорды фæнды сахуыр кæнын мадӕлон æвзаг Цæгат Ирыстоны уӕлдӕр ахуыргӕнӕндæтты. Ахуырмæ бацæуыны фадæттыл дзырд цыд Турчы ирон диаспорæйы æхсæнадон организаци "Алан"-ы минæвар Пухаты Залихан æмæ Цæгат Ирыстоны зонад æмæ ахуырады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сæлбиты Зитæйы фембæлды рæстæджы.

"Фæсивæд тырны мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ æмæ Турчы æвзагон алфамблай саразын, цæмæй хъахъхъæд æрцæуой ирон бынтæ æмæ традицитæ. Фæстаг рæстæджы сарæх сты "туркаг ирон лæппутæ" æмæ цæгатирыстойнаг чызджыты æхсæн бинонтæ аразыны цаутӕ. Турчы ис тынг æнгом ирон диаспорæ, кæцыйы фæнды хайад исын æмзæххонты æхсæнадæмон программæты", — загъта Пухаты Залихан.

Хъуысаты Садреттин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъуысаты Садреттин: Турчы ирӕттӕ нӕ рох кӕнынц сӕ уидӕгтӕ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Турчы цæрæг ирæттæй дæс адæймаджы фæнды бацæуын ахуыр кæнынмæ цæгатирыстойнаг уæлдæр ахуырадон уагдæттæм. Диаспорæйы минæвар бацымыдис кодта, цы ахуыры фадæттæ ис фæсарæйнаг студенттæн.

Сæлбиты Зитæ радзырдта уæрæсейаг закъондæттынадмæ гæсгæ ахуырмæ бацæуыны фадæттæ, афтæ ма уырыссаг æвзаг сахуыр кæныны фæдыл курстæ рацæуын. Уымæй дарддæр ма æруынаффæ кодтой, цавæр æхсæнпаддзахадон программæты ис фадат хайад райсын туркаг ирон æвзагыл дзурæг студенттæн.

"Махæн æхсызгон у туркаг ирæтты тырнындзинад ирон æвзаг æмæ культурæ сахуыр кæнынмæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æркæсдзыстæм ирон диаспорæ æмæ республикæйы ахуырады министрады æхсæн æмгуыстады алы фадатмæ дæр", — загъта министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.

Афтӕ ма Цæгат Ирыстоны зонад æмæ ахуырады министрады хъæппæрисæй арæзт цæуы сæрдыгон этнолингвистон лагерь, цыран фадат уаид райсын туркаг сывæллæттæн дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0