УУМ фæдзæхсы тæрккъæвдатæ æмæ донивылды тыххæй Цæгат Ирыстоны

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæӔвзӕр боныгъӕд
Ӕвзӕр боныгъӕд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзæр боныгъæд цыппæрæмы гæнæн ис æмæ фехала Цæгат Ирыстоны цардифтонгад, хъусын кæны УУМ

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы хуссары цалдæр регионы цæрджыты цардифтонгад ис гæнæн æмæ хæлд æрцæуа тæрккъæвдаты æмæ цæугæдæтты доны æмвæзады фæбæрзонддæры аххосагæн, хъусын кæны РИА Новости УФ УУМ-ы бæрæггæнæнтæ.

Последствия урагана в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Хуссар Ир хъынцъым кæны Мæскуыйы тыхдымгæйы амæттæгтыл

Ведомствæ фæдзæхсы, Цæгат Ирыстонæй дарддæр ма æвзæр боныгъæд кæй ныллæудзæн Адыгея, Хъæрæсе-Черкеси, Краснодары æмæ Ставрополы крайтæ.

"Центр "Антистихия"-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæтæ Адыгея, Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Хъæрæсе-Черкесийы, афтæ ма Краснодары æмæ Ставрополы крайы территорийыл 1 июны уыдзæн тæркъæвдатæ, доны бæрзонд æмвæзад (къæвдадæтты раивылд)", — дзырдæуы прогнозы.

Ӕвзæр боныгъæд ис гæнæн æмæ фехала электроифтонгад, бастдзинады хæххытæ, афтæ ма сиса лæмæгъ арæзт уæрæхформатон рекламон конструкцитæ æмæ бæстыхæйтты агъуысттæ. Ирвæзынгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, æвзæр боныгъæд фехалдзæн энергетикæйы, бастдзинады, ЦКХ-ы объектты, транспорты, дренажон-коллекторон æмæ донымбырдгæнæн системæты куыст, цæрджыты цардифтонгад, афтæ ма ис тас цæрæн пунктты территорийыл донивылдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0