Цӕгат Иры фехъусын кодтой "Электроцинк" сӕхгӕныны тыххӕй

© WikipediaЭлектроцинк
Электроцинк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Масштабон зынгсирвӕзты фӕстӕ, кӕцы ӕрцыд заводы октябры, куыстуат ӕрурӕдта йӕ архайд - "Электроцинк"-ы фидӕн равзарыны фӕдыл сӕрӕзтӕуыд сӕрмагонд къамис

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны завод "Электроцинк" ӕрлӕууын кӕндзӕн йӕ куыст, хъусын кӕны РИА Новости куыстуаты пресс-службӕйы ныхӕстӕ.

"Аскъуыддзаг кодтам ӕрлӕууын кӕнын заводы куыст, инфтонггарз ӕмӕ сӕудӕджерадон фӕзуат сконсерваци кӕндзысты. 2019 азы фыццаг кварталы мах хъуамӕ аласӕм хомӕг ӕмӕ продукци иууылдӕр, уый фӕстӕ райдайдзыстӕм консервацимӕ цӕттӕ кӕнын. Цас рӕстӕг бахъӕудзӕн, уый нырма бӕрӕг нӕу. Заводы кусджыты фидӕны фӕдыл фарст нырма нӕ аскъуыддзаг кодтам", — радзырдта агентады ратӕдзӕн.

21 октябры ӕхсӕвы заводы ӕрцыд зынгсирвӕзт, кӕцы аххӕссыд 4,5 мин квадратон метрыл, уый фӕстӕ заводы куыст ӕрурӕдтой.

Вячеслав Битаров на заводе Электроцинк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры сæргълæууæг загъта азымджынты "Электроцинк"-ы зынгирвæзты

Арт хуыссын кӕныны рӕстӕджы фӕмард иу зынгфӕдисон, дыууӕ та зиан баййӕфтой. Фӕдагуырд бакодта уголвон хъуыддаг ацы цауы фӕдыл.

Зынгсирвӕзты фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай цӕрджытӕ, кӕцытӕ домдтой сӕхгӕнын завод "Электроцинк". Ӕрӕмбырдуӕвджытӕм рахызт Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, кӕцы дзырд радта, кӕй фехъусын кӕндзӕн проблемӕйы тыххӕй бӕстӕйы къухдариуӕгадӕн. Афтӕ ма завод сӕхгӕныны тыххӕй дзырдтой Цӕгат Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы мэр Хӕдӕрцаты Махарбег.

Ног хабӕртты лентӕ
0