Сумойæ дунейы чемпион Хъараты Аланæн сарæзтой æртыккаг операци йæ зæрдæйыл

© 15-регионСумойæ дунейы чемпион Хъараты Аланæн сарæзтой æртыккаг операци йæ зæрдæйыл
Сумойæ дунейы чемпион Хъараты Аланæн сарæзтой æртыккаг операци йæ зæрдæйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номдзыд спортсмен бахауд Цæгат-Кавказы бирæпрофилон медцентрмæ уæззау уавæры

ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik. Номдзыд спортсмен Цæгат Ирыстонæй, сумойæ дунейы авд хатты чемпион, дунейы фондз хатты чемпион армрестлингæй Хъараты Аланæн сарæзтой æртыккаг операци йæ зæрдæйыл, хъусын кæны информацион портал ОсНова.

Номдзыд спортсмен бахауд Цæгат-Кавказы бирæпрофилон медцентрмæ уæззау уавæры. Дохтыртæ сарæзтой æртæ операцийы, сæ нымæцы вазыгджын, кæцы цыд 12 сахаты бæрц.

Василий Маргиев и Эдуард Кудзоев – чемпионы мира по сумо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон спортсментӕ ссисты дунейы чемпионтӕ сумойӕ

Медицинон уагдоны сæйраг дохтыр Уыртаты Роланы ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн спортсмен ис реанимацийы, специалисттæ йын йæ уавæр хонынц тынг уæззау.

Операцийы рæстæджы Хъараты Алан бирæ туг кæй фесæфта, уый хынцгæйæ социалон хызæгты активисттæ сарæзтой флэшмоб, цы ран сидтысты туг радтын спортсмены тыххæй.

"Туг æмæ плазма ис фаг, туг ист цæудзæн сом дæр Туагуадзæн центры", радæтта Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерланы ныхæстæ портал.

Ног хабӕртты лентӕ
0